Нæ хæс
Парти «ЯБЛОКО» - йы сæйраг хæс –конституцийы фæрæзтæй аразын нырыккон барадон демократон социалон паддзахад, кæцы фадат дæтдзæн Уæрæсейы динамикон размæцыдæн æмæ лæггад кæндзæн йæ граждæнтæн.
Цæмæ цæуæм Думæмæ?
«Яблоко» цæуы парламентмæ цæмæй æвдиса гражданты интерестæ стæй иса ахæм закъæттæ кæцытæ паддзахад хæццæ кæной уыцы хæсмæ.
Цæй ныхмæ дзурæм?
Цæмæй хицауад æмæ бизнес ма иу кæной. Мах домæм:
- аивын æппæт «кормушка»-тæ дæр, кæцыты руаджы мулкады уæйы æмæ бюджеты фæрæзтæ цæуынц олигархты æмæ чиновникты дзыппмæ;
- бар нæ дæттын бизнесментæн æмæсæ хæстæджытæн падзахадон куысты бынæтты кусын;
- офшорты регистрации конд чи у, уыцы компаниты хъалонæвæрдæн специалон режим скæнын.
Коррупцийы ныхмæ. Мах домæм:
- æнæхъæнæй дæр ратификации скæнын ООН-ы Конвенцийы 20ст. кæцы коррупцийы ныхмæ куысты тыххæй, кæцы хæсджын кæны бафхæрын уыцы чиновникты, сæ бон кæмæн нæу сбæрæг кæнын сæ æфтиагты равзæрд;
- сбæлвырд кæнын чиновникты декларацитæ æмæ суæгъд кæнын падзахадон куысты бынæтты чи кусы уыдонæй сæ æфтиагты æмæ сæ ис, сæ бон закъонæй барджын кæмæн не сты;
- бар нæ дæттын чиновниктæн æмæ депутаттæн цæмæй ой компаниты советы директортæ.
Нæ паддзахады граждантæм æмхуызон æнæмсæрад гæнæнтæ кæй нæй. Мах домæм:
- аивын уæлдай бартæ кæцытæ ис чиновниктæм æмæ депутаттæм хæдзарадон, медицинон, транспортон æмæ лæггад кæныны, аивын «мигалкæтæ»;
- скæнын иууон пенсион системæ чиновниктæн æмæ хуымæтæг гражданинтæн, фесафын барзонадон æнæмсæрад стыр æмæ чысыл бизнесы æхсæн.
Националон фыдæх æмæ нæбыхсынады ныхмæ. Мах домæм:
- сæнæмæнг кæнын карз ахсджиаг националон фыдæх æмæ дискриминации, этникон æмæ рассæон æууæлты ныхмæ;
- аæстæуыккаг скъолаты программæтæм бахæссын уроктæ æхсæннационалон бастдзинадыл(æхсæнкультурон коммуникацитæ)
Тоталитаризм и сталинизмы ныхмæ. Мах домæм:
- ахсджиаг скæнын сталины æмæ большевикты репресситæ сраст кæнынæн;
- падзахадон программæтæ райсын тоталитарон ивгъуыды сæрты ахизыныл.
Цæуыл тох кæнæм?
Нырыккон паддзахадыл – адæймаг æмæ гражданины барты æмæ сæрибардзинады паддзахад.
Адæймаджы æнæвнæлдзинад æмæ бартыл
- сæрмагонд царды сусæгдзинад: рафыст æмæ телефоны дзырды, хæдзары æнæвнæлдзинад;
- хъахъæнын сæрибардзинад хиваст ивар æмæ арæнгæнынæй;
- нæаиуварс кæнын мидхъуыддæгты оргæнты кусджыты æфхæрд граждæнты ныхмæ æнæзакъон миты тыххæй;
- аккаг дарыны уавæртæ ахст граждæнтæн.
Гражданон бартыл
- хъусын кæныны æгъдау пикеттæ, митингтæ, шествитæ, демонстрацитæ кæныны тыххæй;
- фидардзырд æмхуызон бартæ æмæ уавæртæ нæлгоймæгтæн æмæ сылгоймæгтæн, дискриминации æмæ тыхмийæ бахисын сылгоймæгты.
- сæрибардзинад саразын æмæ кусын æнæкоммерцион æмбырдтæн;
- æнæмæнгæй хъахъхъæнын дзыллæуон информацион фæрæзты сæрибардзинад;
- сæрибардзинад саразын иууонацион æхсæнадон телеуынынад.
Демократийыл
- мабауадзын æвзæрстыты фальсификации, пайда кæнын административон фæрæзтæй;
- æппæт партиты æнæмæнг архайд æвзарæн къæмисты рæгъы арæсты;
- фенцондæр кæнын политикон партиты регистрации;
- фæбындæр кæнын æппæт политикон партитæн 3% къæсæр æрæмбырд хъæлæстæй законон æмбырдты æппæт къæпхæнтæн.
Хæдбар объективон тæрхоныл
- суæгъд æмæ реабилитации скæнын тæрхоны коррупцийæ æмæ ангажированийæ æфхæрдты;
- фæкарз кæнын тæрхонгæнджыты бæрн æнæраст тæрхонты тыххæй;
- бындуронæй сног кæнын тæрхонгæнджыты корпуса;
- гражданон цæстдард спецслубæты æмæ тыхы;
- аивын закъæттæ æмæ дæлзакъонон актæ, кæцытæ æнæбындурæй уæрæх кæнынц ФСБ, ФСО полиции æмæ иннæ тыхы структурæты бартæн;
- парламентон цæстдард æмæ парламентон равзæрстытæ ;
- цæстдард æхсæнадон организациты рдыгæй.
Ахадгæ федерализм æмæ националон политикæйыл
- Совет Федерацийы уæнгты цæмæй æвзарой Федерацийы субъекты цæрджытæ;
- æвзаргæдзинад РФ субъекты æххæстгæнæн хицауады сæрдары;
- паддзахадон æххуыс геополитикон тæссаг хъуыддæгты регионтæн,экологон фыдбылызты æмæ мæгуыр климæтон уавæрты регионтæн;
- паддзахадон æххуыс æвзæгтæн æмæ Уæрæсейы дзыллæты культурæтæ; иугæндзон публикацитæ æмæ сидтытæ Уæрæсейы дзыллæты æвзæгтыл паддзахадон федералон æмæ регионалон дзыллæуон информацион фæрæзты;
- гарантии дæттын националон республикæты цæрджытæн ,фадат раттын мадæлон æвзагыл хъæрзхъæд ахуырдзинад райсыныл . Æппæт Уæрæсейы территорийыл фадат скæнын кæй фæнды уыдонæн астæууыккаг скъолаты мадæлон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæнынæн.
Æххæст бынæттон хæдуынафæ
- ногæй æркæсын закъæттæм , кæцытæ бæттынц бынæттон хæдуынафæйы оргæнтæн æнæрмуаг уынаффæтæ;
- адæттын бынæттон къæпхæнмæ æппæт исбоны хъалон, æмбвæнд уынаффæтæ.
Профессионалон æфсадыл
- рахизын профессионалон æфсадмæ, кæцы арæст цæудзæн контрактон бындурыл;
- фæфылдæр кæнын æхцайы фæрæзтæ æмæ сифтонг кæнын цæрæнуæттæй æффсæддонты,айсын пенсийы фидыны дискриминационон æгъдау;
- æркæнын æфсады арæзт æмæ бæрц, техникон ифтонг æцæг тасы æмбæрдзинад.
Ахадгæ æддаг политикæйыл
- бахъахъхъæнын падзахады æнæхъæндзинад æмæ скæнын Уæрæсейæ æдасдзинады гарант иннæ паддзахадтæн;
- пархат кæнын Уæрæсе æмæ Европæйы падзахадты стæй Европæйы союзы æмгуыстаты ног хуыстæ;
- уæрæх кæнын Уæрæсейы хайад æппæтадæмонорганизациты æмæ конвенциты, кæцыты нормативтæ æмæ стандартæ ахадгæ сты паддзахады æвзæрдæн.
Социалон базарадон экономикæйы
Сæрмагонд исбонмæ нæбавнæлдыл
- хъахъхъæнын æмæ æххæст кæнын дзыллæуон хицæутты, миноритарон акционерты, фатерты, хъæуггаг хæдзæртты, зæххы хæйтты хицæутты, бартæ;
- фæтагъддæр æмæ фенцондæр кæнын исбоны регистрацийы процедурæ.
Ерыс кæныныл
- рæсуг базар куыд иунæг механизм цæмæй аразой стыр хæрдзтæ æрдзон монополитæн;
- мыхуыр Интернеты ног æвдисæнтæ æрдзон монополиты иумæйаг хæрдзты тыххæй;
- фæкарздæр кæнын æфхæрд административон барьертæ æмæ предпринимателты æлхъывды тыххæй;
- æрæвæрын рæсуг процедурæ моноплийы тарифтæ cфидар кæныны тыххæй,æрцыбыр кæнын тарифты хыст инфляцийы ивгъуыд рæстæджы къæпхæнмæ гæсгæ.
Ног экономикон политикæ æмæ хомæгон дæлбарадæн кæрон скæныны тыххæй
Цæмæй уæрæсейы экономикæйы рæст максимально фæтагъдæр уа уыцы хæсы тыххæй мах сарæзтам программæ дзыллæуон хи хæдзæртты арæзтæн «Зæхх – хæдзæрттæ- фæндæгтæ». Æмæ абон уымæ гæсгæ Уæрæсемæ ис бар цæмæй йæ граждантæй миллионтæн бар ратта сæ хицæн æмæ сæ сывæллæттæн сæхи зæххыл хæдзар саразой. Махмæ гæсгæ ис гæнæн æмæ хъæуындзинад зæхх лæвар массæуон лæвæрд инфрастуктурæйымæ ракæнын бинонтæн хæдзæрттæ аразынмæ.Программæ «Зæхх – хæдзæрттæ- фæндæгтæ»-йы царды ауагъды результатæ уыдзысты:
- граждантæн лæварæй зæххы лæвæрд хæдзæрттæ саразыны сæйраг хæсимæ, мидæггаг фарсты сæвзæрд æмæ æцæг экономикæйы тагъддæр сырæзт, кæцы радзæн ног бирæ куысты, дзыллæуон хæдзæрттæ арæстады фæрцы быннæттæ;
- сæххæст кæныны зæхх лæвар массæуон лæвæрд инфрастуктурæйымæ:фæндæгты арæзта, газификация, электрификация æмæ дон бауадзын паддзахады æххуыссæй (сæрмагодæй резервон фондтæй).
Æцæг æххуыс гыццыл æмæ астæуыккаг бизнесæн
- фæкъаддæр кæнын страховой платежты мыздæвæрдтæ паддзахадон æнæбюджетон фондæм;
- саразын уæлбарон кредиты системæ;
- саразын «адæмон базартæ» - ахсджиаг дар баримæ цæмæй зæххы æ æлхæной базартæ аразынмæ гыццыл бизнесы кооперативтæн;
- арендæйы чи ис уыцы муниципалон агъуыстæ æмæ сæ бынмæ цы зæххытæ ис уыдон балхæныны барæн раттын карз гарантитæ;
- фæкъаддæр кæнын иумæйаг хъалон бизнесæн, стыр æмæ хомагæй фæстæмæ.
Социалон асывæлдæг фæкъаддæрыл
- ауæрæх кæнын фæлхасгæнæгы чыргъæды товарты æмæ лæггæтты хыгъдад;
- фæфылдæр кæнын минималон мызд, цæмæй уа æстæуыккаг мысды 50%;
- саразын хистæр адæмы Фодн хомагы ресурсты уæйы хыгъдæй;
- пенситы æмæ социалон пособиты бæрц фæфылдæр кæнын;
- фæфылдæр кæнын инвалидты пособитæ æмæ цын саразын куысты бынæттæ æмæ «æнæбарьероно» бынæттæ сахарты.
Куысты барты гаратитыл
- æцæг бартæ забастовкæтæ кæнынмæ;
- ивар æвстау кысты ныхмæ;
- сæрибар профсоюзтæ аразынæн гарантитæ, профсоюзты сæргълæуджыты куыстæй тæрыны ныхмæ гарантитæ.
Инвестицитæ адæймагон капиталмæ
Ахуырады рæзтыл
- лæвар астæуыккаг æмæ æнцонвад уæлдæр ахуырад;
- сывæллæты цæхæрадæтты нымæц фæфылдæр кæнын, алы сывæллонæндæр дзы бынат скæнын;
- хæттыты фæфылдæр кæнын сывæллæты цæхæрадæтты,скъолаты, профессионалон училищæты , уæлдæр скъолаты ахуыргæнджыты мызд;
- нæ бауадзын ахуырады бынæтты коммерциализации æмæ сæ коррупции ахлыг кæнын.
Æнцонвад æмæ хæрзхъæд æнæнизхъахъхъæдыл
- лæвар æнæнизхъахъхъæд стандартон лæвар лæггадзинадимæ;
- фæфылдæр кæнын медицинон кусджыты мызд;
- æнæмæнг лæвар диспансеризаци адæмæн;
- аивын хъалон импортон диссаджы хостæн æмæ медицинон ифтонггарзтæн.
Наукæйæн æххуысыл
- саразын карз гарантитæ ахуыргæнды интеллектуалон исбон бахъахъхъæны бартæн;
- паддзахады æххуыс æрыгон ахуыргæндтæн;
- аивын хъалон импортон диссаджы ифтонггарзтæн кæцытæ хъæуынц наукон иртæстæн.
Бафтауын гражданты уæрæсейаг культурæйыл
- культурæ æмæ аивадмæ æхцайы æввонг фæфылдæр кæнын;
- сифтонг кæнын территориалон æмæ аргъон æнцонвад культурæйы объектæм;
- рæсгæ фæлтæры бафтауын культурон цардыл паддзахады хардзæй.
Нæ алфæмбылайы сыгъдæгдзинадыл
- сног кæнын экологийы Министерствæтæ;
- ногæй саразын паддзахадон экологон экспертизæйы институттæ;
- фæсарæнтæй мауал ласæм ядерон сугад æмæ дзы мауал аразæм ног АЭС-тæ æмæ сыхгæнын æппæт зæронд АЭС-тæ.
«ЯБЛОКО» Уæрæсейы граждантæн дæтты ахæм программæ кæцы сифтонг кæндзæн нæ падзахад дарддæры æвзæрды фæндагыл. Уыцы фæндагыл цæуынцæмæцыдыстыæппæт паддзахадтæ дæрæ кæцы тæ XXI æнусы схызтысты æппæты сæ гражданты хорз царды уæлдæр къæпхæнмæ.
Абон нæ паддзахад лæууы равзæрсты размæ:
- кæнæ XXI æнусы ацæуын равзæрды фæндагыл;
- кæнæ та дарддæр цæудзæн стагнацийы фæндагыл , æмæ æрхаудзæн æртыккаг паддзахадты хагъдмæ, стæй XXI яæнусы астæумæ дæр нæ бахæццæ уыцæдзæн абоны арæнтимæ.
Уыцы æвзæрст абон хъуамæ сымах скæнат нæ зынаргъ æвзарджытæ!